Найти тему
irystontv

102 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Иван Селезнёв

Æнкъард хабар. 102 аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Иван Селезнёв. Уый тыххæй хъусын кæны Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Йæ хæстон фæндаг райдыдта хайады къамандыгæнæгæй æмæ сси ротæйы къамандыгнæг. Хорзæхджынгонд у «Сырх стъалы»-йы орденæй, «За отвагу» æмæ «За боевые заслуги» майдантæй æмæ æндæр хæрзиуджытæй. Архайдта Мæскуы знæгтæй сæрибар кæныны тохы. Хæсты фæстæ куыста республикæйы партиты æмæ хæдзарадты. Уыд ветеранты Советы уæнг. Архайдта фæсивæды патриотон хъомыладыл.