Коротко о бусине желаний и текст народной песни.
Цыкурайы Фæрдыг (адæмон зарæг) Ахæм мой скæнин æз… Уæртæ мын авд хохы фале залиаг калм цыкурайы фæрдыгæй хъазы, Уый арвайдæн у, арвайдæн, лæппутæ! Уый мæнæн чи ’рбахæссид, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал… Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны. Ахæм мой ма скæнин æз… Уæртæ мын Хъæриу-хохы сæрæй авд суадоны цы фурдмæ хауынц, Уым саттан бабызтæ сæхи найынц! Уыдонæй мын чи ’рбахæссид, уый уаид мæнæн мæ цардæмбал… Авд æфсымæрæн уыди зыбыты иунæг хо, Дунейы рæсугъд, æмæ мой кæны. Ахæм мой ма скæнин æз… Уæртæ мын сау денджызы астæу сакъадахы сау...