Найти в Дзене
Осетия - [æ]

РХИ Парламенты депутат Плиты Константин равæрдта йæ хъуыдытæ Хуссар Иры паспортты фæдыл

РХИ Парламенты депутат Плиты Константин равæрдта йæ хъуыдытæ Хуссар Иры паспортты фæдыл. Карзæй дзуры ирон адæмы ныхмæ. Дих кæны. Хуссар Ирыстон, дам, æппæт ирон адæмы республикæ нæу — афтиддæр бынæттонты. Уый та уын дзуапп ирон адæмы иудзинадыл чи тох кæны, уыдонæн депутатæй. Иу депутатæн Бибылтæй къахетаг ирæттæ ирæттæ не сты. Иннæ депутатæн та Плитæй, бынæттон чи нæ у Хуссары, уыдон Хуссары нæ хъæуынц, кæнæ хъуамæ экзамен радтой. Йæр дам, смах та уæхи тилут дарддæр. Плиты депутат фæрсы: цæмæн хъуамæ иннæ ирæттæ Хуссар Иры хъысмæт скъуыддзаг кæной, кæд æмæ цæ хæдтулгæтæн хъæуынц афтид дæр Хуссары паспорттæ? Хуссары чи цæры, уыдон сты 100 процентмæ æввахс УФ-йы æмбæстонтæ. Плиты Константин дæр у гражданин РФ, ахуыр фæцис Мæскуыйы. Йæ фылдæр хабæрттæ кæны УФ паспортæй. Хуссары паспорт хъæуы хæдзар, зæхх æмæ хæдтулгæ балхæнынмæ Хуссары. Æндæр хъыгагæн ницæмæн хъæуы. Гражданам Южной Осетии паспорта РЮО нужны только для этого. Всем. Плийы фырт, уый зонгæйæ зæгъы: бынæттонтæ иннæ ирæт

В ответ на пост

РХИ Парламенты депутат Плиты Константин равæрдта йæ хъуыдытæ Хуссар Иры паспортты фæдыл. Карзæй дзуры ирон адæмы ныхмæ. Дих кæны. Хуссар Ирыстон, дам, æппæт ирон адæмы республикæ нæу — афтиддæр бынæттонты. Уый та уын дзуапп ирон адæмы иудзинадыл чи тох кæны, уыдонæн депутатæй.

Иу депутатæн Бибылтæй къахетаг ирæттæ ирæттæ не сты. Иннæ депутатæн та Плитæй, бынæттон чи нæ у Хуссары, уыдон Хуссары нæ хъæуынц, кæнæ хъуамæ экзамен радтой. Йæр дам, смах та уæхи тилут дарддæр.

Плиты депутат фæрсы: цæмæн хъуамæ иннæ ирæттæ Хуссар Иры хъысмæт скъуыддзаг кæной, кæд æмæ цæ хæдтулгæтæн хъæуынц афтид дæр Хуссары паспорттæ?

Хуссары чи цæры, уыдон сты 100 процентмæ æввахс УФ-йы æмбæстонтæ. Плиты Константин дæр у гражданин РФ, ахуыр фæцис Мæскуыйы. Йæ фылдæр хабæрттæ кæны УФ паспортæй. Хуссары паспорт хъæуы хæдзар, зæхх æмæ хæдтулгæ балхæнынмæ Хуссары. Æндæр хъыгагæн ницæмæн хъæуы. Гражданам Южной Осетии паспорта РЮО нужны только для этого. Всем.

Плийы фырт, уый зонгæйæ зæгъы: бынæттонтæ иннæ ирæттæй хуыздæр сты. Хуссар мах у. Иннæ ирæттæ та сты æцæгæлонтæ æмæ уал экзамен радтут, цæмæй уæ мах Чъребамæ æрбауадзæм æввахс. Смахæн не мбæлы Хуссары бартæ, хæдтулгæ, зæхх, хæдзар.

М — местечковость. Нæй дзы уæрæхдзинад æмæ зонынджындзинад Плийы фырты ныхæсты. Хъыгагæн.

Афтæ уайы, æмæ Хуссары (Бибылты æмæ Плиты депутатты бæлвырдæй) нæ хъæуынц къахетаг ирæттæ, 1920 азы Джугелийæ чи ралыгъд, уыцы ирæтты цоты цот, 1944 азы Цæгатмæ чи рацыд, уыдоны цот, Гамсахурдийæ чи ралыгъд, уыдон дæр нæ хъæуынц, 2008 азы хæсты заман чи ралыгъд, уыдон дæр нæ хъæуынц, Хицауады ныхмæ чи у хуссайраг бынæттон адæмæй, уыдонæн дæр ценз (Джабелыч кæнæ Джабо дæнццæгæн), дыгуры кæнæ цъиусæрты кой та бынтон ма кæнут, уыдон дæр цæмæн хъæуынц Хуссары.

Афтид дæр æхца куы æрбахæссай (150 000 – 250 000 сомы), уæд дын Чъребайы паспорт рауæй кæндзысты. Цæцæйнаг дæ, таджикаг дæ æви ирон — уый уæд никæйы уал фендавы. Фæлæ нæ уайы афтæ, Плион. Æрдæгмæ сывæрджын хъуамæ ма уа адæймаг.

Кæнæ ирон адæмы сæрыл хæцыс, иудзинады сæрыл, Хуссар æмæ Цæгаты иумæйаг фидæныл дæ зæрдæ риссы, кæнæ та знаггадгæнæг дæ ирон адæмæн æмæ дæхи мæт кæныс. Нæй дзурæн иуæй: «Æз ирон дæн, Ирыстоны фидæныл тыхсын», иннæмæй та ирæтты дих кæнын «сортовой»-тыл æмæ «видовой»-тыл.

Кæуылты хойыс, Константин?! Уым хъазыс, уым нæ хъазыс, уым та тъепайы æрдæгхæрд сæр тухыс. (@irystonprav)