фӕхуыздӕр уа ӕмӕ а.д. Фӕлӕ мӕнмӕ фарста ис, куыд хъуамӕ фӕхуыздӕр уа демографи, кӕд ӕмӕ паспорттӕ чи райсы, уыдонӕн сӕ 99%-фылдӕр цӕрынц фӕсарӕнты? Куыд хъуамӕ фӕхуыздӕр уа демографи, кӕд ӕмӕ социалон лӕггӕдтӕ(пенситӕ, зӕгъӕм) хъуамӕ ӕххӕссой уыцы ног паспортты дарджытыл дӕр. Нӕ Республикӕйы рагӕй фӕстӕмӕ ис ахӕм практикӕ (2006 азӕй фӕстӕмӕ): паспорттӕ лӕвӕрд кӕй цӕуынц бирӕ фӕсарӕйнаг ирӕттӕн, фӕлӕ дзы демографийӕн пайда нӕй. Стӕй цӕмӕн хъуамӕ скъуыддзаг кӕной ӕвзӕрстыты рӕстӕджы дӕр Хуссар Иры хъысмӕт ахӕм адӕм, кӕцытӕ Цхинвалмӕ ӕрцӕуынц ӕрмӕст хӕдтулгӕтӕ кӕнынмӕ? Мӕнӕн мӕ хъуыды у афтӕ: алы ирон адӕймагӕн дӕр хъуамӕ уа фадат райсын Республикӕ Хуссар Ирыстоны паспорт ӕрмӕстдӕр мӕнӕ ацы домӕнтӕ куы сӕххӕст кӕной, уӕд: 1) Ирон лӕг хъуамӕ ацӕра 5 аз нӕ Республикӕйы, цӕмӕй йын бар уа паспорт райсын. 2) Гоймаг, кӕцыйы фӕнды райсын ирон паспорт хъуамӕ фӕлварӕнтӕ ацӕуа, кӕцытӕ сбӕрӕг кӕндзысты зоны адӕймаг ирон ӕвзаг ӕмӕ Республикӕйы Конституцийы сӕйраг уагӕвӕрдтӕ ӕви нӕ. 3) Кӕд ӕй тагъд
Арӕх фӕдзурынц паспорттыл, ома, дам хъуамӕ бар уа алкӕцы ирон адӕймагӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны паспорт райсын, цӕмӕй дам демографи
13 марта13 мар
1 мин