Хетæджы Уастырджийы бон
Ацы аз Хетӕджы Уастырджийы бӕрӕгбон ӕрцыд сусӕны мӕйы (июлы) дыккаг хуыцаубонмӕ — 9 июлмӕ. Йӕ кувӕндон кӕд Алагиры районы зӕххыл Куырттаты комӕй рахизӕны дӕлвӕзы ис, ӕмӕ йӕм кӕд райдайӕны кувынмӕ йӕ алыварс хъӕутӕ Суадаг, Ногхъӕу, Хъӕдгӕрон, Дзуарыхъӕу, Хӕтӕлдон ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты цӕрджыты йеддӕмӕ стӕм цыд, уӕд ныр ацы кувӕндон ссис ӕппӕтиронадӕмон. Уымӕн ӕмӕ Уастырджи ӕппӕт ирон адӕмыл аудӕг зӕд у, иудадзыг Хуыцауы раз ис ӕмӕ Ирыстонмӕ ӕртӕхгӕйӕ ирон адӕмӕн Хуыцауы хӕрзтӕ чи ӕрхӕссы, уыцы рӕстаг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ ӕргом зӕд у...