Это перевод на осетинский язык сатирического рассказа русского писателя Антона Павловича Чехова "Толстый и тонкий". Автор перевода - А. Саламов.
Николайы æфсæнвæндаджы вагзалы сæмбæлдысты дыууæ хæлары: сæ иу — ставд, иннæ — тæнтъихæг арæзт. Ставд нырма ныртæккæ бахордта сихор вагзалы, æмæ йæ царвæйдзаг былтæ æрттывтой цæттæ балтау. Херес æмæ флёрд-д ʼоранджы тæф дæр ма дзы цыди. Тæнтъихæг та уыцы сахат вагонæй рахызти æмæ уаргъифтыгъд уыди чумæдантæй, картонкæтæй æмæ тыхтæттæй. Кодта ветчинайы æмæ къофийы тæф. Йæ фæсчъылдымæй касти иу даргъроцъо цола сылгоймаг — йæ ус, æмæ бæрзонд гимназист, йæ цæст дардта цъынд, хурмæ кæсæгау; уый та уыди йæ фырт.
— Порфирий! — æваст фæхъæр кодта ставд, йæ акомкоммæ тæнтъихæджы куы ауыдта, уæд. — Хуыцауы тыххæй уый ды дæ? Мæ удыгага! Кæдæй-уæдæй ма!
— Уæуу, мæнæ диссæгтæ! — ныддис кодта тæнтъихæг. — Мишæ! Мæ рагон æрдхорд! Кæцæй фæдæ, дæ хорзæхæй?
Дыууæ хæлары кæрæдзийæн æртæ хатты ныпъпъатӕ кодтой, æмæ сæ цæстытæ доны разылдысты, афтæмæй кæрæдзимæ ныккастысты. Дыууæйæ дæр кæрæдзийы цинæй ницæмæуал арæхстысты.
— Мæ зынаргъ! — райдыдта тæнтъихæг, хъæбыстæ ʼмæ пъаты фæстæ. — Уый æнхъæл та чи уыди, æмæ демæ фембæлдзынæн! Уый дын æнæнхъæлæджы æхсызгон хъуыддаг, гъе! Оу, мæнæ! Æрбакæс-ма мæм, цæй, дзæбæхдæр! Уыцы рæсугъдæй куы лæууыс! Раджыйау — уындджын æмæ хæрзарæзт. Æ, дуне скæнæг, гъе! Гъы, куыдтытӕ цæрыс, уæдæ? Хъæздыг цæрыс? Бинонтæ дын ис? Æз ныр, куыд уыныс, афтæмæй, усджын дæн... Мæнæ уый мæ ус у. Луизæ, йæ чызгон мыггаг Ванценбах... Лютеры диныл лæуд... Мæнæ уый та мæ фырт у, Нафанаил, æртыккаг къласы кæсы. Уый, Нафаня, ме ʼвзонджы бонты хæлар у; гимназы иумæ ахуыр кодтам.
Нафанаил чысыл ахъуыды кодта, стæй йын йæ худ систа.
— Гимназы иумæ ахуыр кодтам! — дарддæр дзырдта тæнтъихæг. — Хъуыды ма кæныс, куыд-иу дæ мæстæй мардтой, уый? Дæу хуыдтой Герострат, къазолнæй чиныг тамакойæ кæй басыгътай, уый тыххæй, мæн та хуыдтой Эфиальт, дзырдтæ хæссын кæй уарзтон, уый тыххæй. Хо-хо... уæд сывæллæттæ уыдыстæм! Ма тæрс, Нафаня! Æрбацу йæм хæстæгдæр, цæмæй тæрсыс... Мæнæ уый та мæ ус у, Ванценбахты чызг... Лютеры диныл лæуд...
Нафанаил иучысыл ахъуыды кодта æмæ бамбæхсти йæ фыды чъылдыммæ.
— Гъы, куыд цæрыс, уæдæ, мæ хæлар? — бафарста ставд, йæ рагон æрдхордмæ цингæнгæ æмæ райдзастæй кæсгæйæ. — Кæм службæ кæныс? Цы цины? Бæрзонд схызтаис ныр, хъуамæ?
— Службæ кæнын, мæ зынаргъ! Ныр дыккаг аз коллегион асессорæй кусын, стæй мæм ис Станиславы орден. Æцæг мæ мызд бирæ нæу... фæлæ уый ницы кæны. Мæ ус музыкæйы ахуыргæнæг у, æз та ма æвдæлон рæстæг ноджы портсигартæ дæр кæнын хъæдæй. Тынг хорз портсигартæ! Иу портсигар — сом. Исчи дæс кæнæ фылдæр куы фелхæны уыцы иу æлхæдæн, уæд ын сæ чысыл асламдæрыл дæр раттын, дæхæдæг æмбарыс хъуыддаг. Цæрæм, амæлттæ кæнæм цæмæйдæрты. Айразмæ, цæвиттон, службæ кодтон департаменты, ныр мæ столоначальник ардæм раивта, гъе уыцы ведомствӕйы мидæг... Мæ службæ ам уыдзæн ныр. Гъы, ды та? Ды, æвæццæгæн, æмæ статский сдæ ныр? И?
— Нæ, мæ зынаргъ, уæлдæр сæвнал, — загъта ставд. — Æз ныр тайный советник дæн... Дыууæ стъалыйы мæм ис.
Тæнтъихæг дын æвиппайды афæлурс, цавддурау сагъдӕй аззади, фæлæ уайтагъд йæ мидбылты пæлæхсар худт бакæнгæйæ, йæ цæсгом базылынтæ ис алырдæмты; бакæс æм, уæд уыди, цыма йæ цæсгомæй æмæ цæстытæй цæхæртæ æркалди, уыйау. Йæхæдæг ныббукъ и. Уызынау, ныггуыбыр, æрбакъæдз... Йæ чумæдантæ, картонкæтæ æмæ бæстытæ дæр сæхи мидæг æрбалвæстысты, æрбампылдысты... Йæ усы даргъ роцъо ноджыдæр фæдаргъдæр ис; Нафанаил хæстон лæгау схъæл алæууыд æмæ йæ мундиры цæппузыртæ иууылдæр авæрдта...
— Æз, дæ иууылбæрзонддзинад... Тынг æхсызгон мын у! Ме ʼвзонджы бонты æрдхорд — æмæ æвиппайды ахæм вельможæ сдæ, дæ бæрзонддзинад... Хи-хи-с.
— Ныууадз, цæй, ахæм митæ! — йæхи банхъырдтæ кодта ставд. — Цæмæн хъæуы ахæм æвзаджы хатт? Æз æмæ ды суанг нæ сабийы бонтæй хæлæрттæ стæм, æмæ нæ дыууæйы ʼхсæн цæмæн хъæуы ахæм цин нымайындзинæдтæ!
— Оууа!.. Уый та куыд... — зæвæтысдæрæн худт бакодта тæнтъихæг, йæхи ноджы тынгдæр æрбанцъулгæйæ. — Дæ иууылбӕрзонддзинады уарзон цæстæнгас... мæнæ царды хосау... Мæнæ уый, дæ бæрзонддзинад, у мæ фырт Нафанаил... мæ ус Луизæ, Лютеры диныл лæуд, цæмæйдæриддæр...
Ставд та хъавыди йе ʼрдхордæн ноджыдæр бауайдзæф кæнын, фæлæ тæнтъихæджы цæсгомыл уыйбæрц æнувыддзинад, адджындзинад æмæ цыт дæттыны туагад æвдыст уыди, æмæ йæм тайный советникæн йæ зæрдæ схаста. Уый тæнтъихæгæй йе ʼргом иннæрдæм аздæхта æмæ йæм йæ къух радта хæрзбон зæгъыны тыххæй.
Тæнтъихæг ын райста йе ʼртæ ʼнгуылдзы, æркуывта йын йе ʼппæт гуырæй дæр æмæ лыстæг хъæлæсæй бакæл-кæл кодта китайаджы хуызæн: «Хи-хи-хи». Йæ ус бахудти йæ мидбылты. Нафанаил, æгъдаумæ гæсгæ, йæ иу къах æрбасæрфта йе ʼннæмæ æмæ йæ фуражкæ ʼрхауди. Æртæйæ дæр аджихау сты, сæ цæсгæмттыл зæрдæрухсы, райгæ ʼнгас хъазыди, афтæмæй.