Найти в Дзене
Андрей Троицкий

На струнах сердца...

**************************************************************************************** Рыстфӕллад уд. Æгъгъӕл уыдтӕн рыстӕй ныддур ис ма
зӕрдӕ,
Ма удӕн фыррыстӕй йӕ хъару у саст,
Фӕлӕ та, уӕ диссаг, Хуыцауы фӕндонай
Мӕ зӕрдӕйы рухс хур нӕуӕгӕй ӕскаст... Сындӕггай та сагайттой зӕрдӕйы хъарм тӕгтӕ,
Гуырын та сыл райдыдтой монцтӕ, мыртӕ..
Хъуысын та мӕм райдыдтой сабыргай
раздӕрау
Уӕларвон фӕндыры зӕрдиаг зӕлтӕ... Сындӕггай гас байдыдтой уды скъуыд
хъӕдгӕмттӕ,
Фӕсабыр йӕ раздӕры рыст...
Цымӕ ногӕй райгуырдтӕн, мӕ мыл Уӕларвон Зӕд
Фыруарзтӕй адджын ныттыхст....
********************************************** Зӕрдӕйы зӕлланг тӕгтыл райгуырдис зарӕг,
Æсцагъта цырен цагъдӕй хъиссын фӕндыр,
Дард азӕлыд кӕмтты, ӕврӕгъты мӕ хӕхты
Æвзонг риуы нӕкӕрон сонт уарзты мыр... Фӕхудтис мӕй арвыл, ирд ферттывта стъалы,
Мӕнмӕ дӕр та р

****************************************************************************************

Рыстфӕллад уд.

Æгъгъӕл уыдтӕн рыстӕй ныддур ис ма
зӕрдӕ,
Ма удӕн фыррыстӕй йӕ хъару у саст,
Фӕлӕ та, уӕ диссаг, Хуыцауы фӕндонай
Мӕ зӕрдӕйы рухс хур нӕуӕгӕй ӕскаст...

Сындӕггай та сагайттой зӕрдӕйы хъарм тӕгтӕ,
Гуырын та сыл райдыдтой монцтӕ, мыртӕ..
Хъуысын та мӕм райдыдтой сабыргай
раздӕрау
Уӕларвон фӕндыры зӕрдиаг зӕлтӕ...

Сындӕггай гас байдыдтой уды скъуыд
хъӕдгӕмттӕ,
Фӕсабыр йӕ раздӕры рыст...
Цымӕ ногӕй райгуырдтӕн, мӕ мыл Уӕларвон Зӕд
Фыруарзтӕй адджын ныттыхст....

**********************************************

https://sputnik-ossetia.ru/20160915/3031572.html
https://sputnik-ossetia.ru/20160915/3031572.html

Зӕрдӕйы зӕлланг тӕгтыл райгуырдис зарӕг,
Æсцагъта цырен цагъдӕй хъиссын фӕндыр,
Дард азӕлыд кӕмтты, ӕврӕгъты мӕ хӕхты
Æвзонг риуы нӕкӕрон сонт уарзты мыр...

Фӕхудтис мӕй арвыл, ирд ферттывта стъалы,
Мӕнмӕ дӕр та рцыдис цӕрын,
Кӕйдӕр фарны цагъдӕй ныррухс ис ма зӕрдӕ,
"Цӕр бирӕ, сӕдӕ аз", - мӕ арфӕ загъын...

***********************************************

-3