4 азы размæ Алыккаты бинонты цард цæхгæрмæ фæивта. Сæ цыппараздзыд Аминæ æнæнхъæлæджы йæхиуыл фыцгæ дон ракалдта. Чызгæн скодтой фараст операцийы, фæлæ раздæры цардæй хурæфсæст чызг йæхимæ нæма 'рцыд. Ныртæккæ йыл цæуы 6 азы. Баххуыс кæнын сæ бон у Израилы дохтыртæн. Уый тыххæй хъæуы 113 мин доллæры.