Найти в Дзене
irystontv

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады паддзахадон информацион системæмæ хабархæсджыты куысты фӕтк равӕрыны фӕдыл ӕмбырд

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады паддзахадон информацион системæмæ хабархæсджыты куысты фӕтк равӕрыны фӕдыл ӕмбырд амыдта хицауады сæрдары хæдивæг Бокоты Эльбрус.

Æмбырды ма архайдтой дзуапдæттæг хицауады уæнгтæ, районты администрациты сæргълæуджытæ, профилон компаниты минæвæрттæ. Фембæлды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Уæрæсейы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады паддзахадон информацион системæйӕн ис нырыккон платформæ. Йӕ руаджы уæрæсейæгтæн сæ бон у цæрæнуæтты коммуналон лæггæдты æфстæутты тыххæй базонын.

Уымæй уæлдай ма баххæсын фиддонтæ дæр. Нымайӕн гæрзты бæрæггæнтæ сбæлвырд кæнын. Разамындæттæг компанийы лæггæдты тыххæй базонын. Уыимæ ма сæ цæрæнбынæтты бындурон цалцæг кæд уыдзæг, уый тыххæй дæр. Цæрæнуæтты коммуналон паддзахадон æмæ арæзтадмæ цæстдарды службæйы разамонæг Таматы Радион куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ системæмæ бахастой 3 мин 50 хæдзары тыххæй хъæугæ информаци.