Найти тему
irystontv

Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы Федералон зылды регионты санитарон-эпидемиологон фарстаты фæдыл æмбырды

Республикæйы рынчындæтты 65% ахсынц коронавирусæй пациенттæ. Уый тыххæй Цæгат Кавказы Федералон зылды санитарон-эпидемиологон уавæры фæдыл æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло.

Ацыд президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайкайы разамындæй. Республикæйы 5 медицинон уагдоны бындурыл бацæттæ кодтой 768 сынтæджы, уыдонæй 91 — реанимацийы хайады. Бахъуаджы рæстæг бынæттæ фæфылдæр уыдзысты Тагъдæххуысы клиникон рынчындон, Æрхонкæ æмæ Горæтгæрон районы рынчындоны руаджы. Поликлиникæтæ æмæ районты рынчыдæтты кусынц КОВИД дзæбæхгæнæн амбулаторон центртæ. Уыимæ, хостæ хæдзæрттæм фæхæццæ кæнын æмæ анализ сисыны лæггæдтæ. Уыцы куысты æххуыс кæнынц «Мы вместе» змæлды бархионтæ æмæ бархионтæ-медиктæ. Медицинон академи æмæ колледжы бацæттæ кодтой уæлæмхасæн бархион-медиктæ.

Æдæппæтæй 450 адæймажды. Республикæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады цæттæ кæнынц ног «омикрон» штаммæ. Уæлæмхасæн бынæттæ бацæттæ кæндзысты стационарты дæр. Æххæст уыдзысты медицинон кусджытæ, хостæ, æмæ медицинон туаггуырæй. Бахъуаджы рæстæг фæфылдæр уыдзысты тагъд æххуысы бригадæты нымæц дæр. Юрий Чайка расидт регионты сæргълæуджытæм, цæмæй æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад цæттæ уа низы æвиппайды парахатмæ. Фæнысан ма кодта, коллективон иммунитеты фæбæрзонддæр кæныны æхсджиагдзинад.