Цæллагты мыггаджы мæсыгæй 12 экспонаты чи адавта, уый сбæрæг. Фыдгæнæг разынд 27-аздзыд Алагиры цæрæг нæлгоймаг. Республикæйы мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй давæг бæстыхаймæ баирвæзт ауындзгæ гуыдыр асæтгæйæ. Басгæрсты рæстæг, тыхсасты фӕрцы давд йæ къухы цы гарзы руаджы бафтыд, уый ссардтой. Уымæй уæлдай, давæггæгты иу хай. Иннæ дзауматæ нæлгоймаг радта згъӕрӕмбырдгӕнӕн пунктмӕ. Ныртæккæ фыдгӕнӕгӕн нӕй искудӕм ацӕуыны бар. Слестгæнджытæ ацы цауы фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Гæнæн ис, æмæ фыдгæнæг ахæстоны фæбада 5 азы онг.
Цæллагты мыггаджы мæсыгæй 12 экспонаты чи адавта, уый сбæрæг
19 января 202219 янв 2022
21
~1 мин