Найти тему
irystontv

Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы Президенты цур хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл Советы къамисы æмбырды

Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Уæрæсейы Президенты цур хъазахъхъæгты хъуыддæгты фæдыл Советы къамисы æмбырды. Фембæлды дзырдтой хъазахъхъæгтимæ æмгуыстады фарстатыл. Сæрмагондæй ныхас кодтой хъазахъхъæгты æхсæнады фидæн æмæ рæзтыл. Æмбырды æрдзырдтой кадрон политикæйы куыстыл хъазахъхъæгтимæ, æфсæддон службæмæ сæ сразæнгард кæныныл.

Уæлдай æргом аздæхтой æфсæддон-патриотон, уыимæ фæсивæды рæстуд хъомыладмæ. Абоны бонмæ хъазахъхъæгты нымæц Цæгат Ирыстоны хæццæ кæны 1800 адæймагмæ. Сты бирæ адæмыхаттыты минæвæрттæ. Уæрæсейы президенты стратегийы фæлгæты, хъахъхъæнынады министрад æмæ хъазахъхъаг æхсæнадимæ кусынц ууыл, цæмæй гæрзифтонг тыхты фылдæр хъазахъхъæгтæ уа. Ис дæлхайæдтæ, кæцыты хъазахъхъæгтæ службæ хæссынц куыд хуымæтæг, афтæ контракт бафысгæйæ дæр.