Цæгат Ирыстоны культурон нысаниуæгимæ объекттæ бахъахъхъæнынæн. Уый тыххæй сæрмагонд реестр снысан кæнын. Ахæм хæс дзуапдæттæг комитеты сæрдар Гæлуты Ацæмæзы размæ сæвæрдтой аппаратон æмбырды. Ацыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй.
Культурæйы объекттæ сног кæнынæн æмæ рацаразынæн рахай кæндзысты æхцайы фæрæзтæ. Фарста мæ æргом раздахын республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта экономикæйы рæзты министрадæн. Ахджиаг у цæмæ регионы инвестицион фæлгонц уа зæрдæмæдзæугæ. Уый фæдыл арæзт æрцæудзæн сæрмагонд кусæг къорд кусдзæн сæрмагонд проектты райрæзтыл.
Æмбырды архайджытæ ма фæнысан кодтой эпидемиологон уавæр регионы. Кæд коронавирусимæ рынчынты нымæц къаддæр кæны, уæддæр уавæр у зæрдæхсаинаг. Низæй хи хъахъхъæныны мадзæлттæ дарддæр куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ дæр ис бæстон цæстдард. Уæлдайдæр та Ног Азы бæрæгбоны агъоммæ. Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны туаггуыры системæ скусдзæн афæдзы кæронмæ.
Æмбырды куыд сбæрæг, афтæмæй ног азы ноггуырдтæ æмæ фыццагкъасонтæ исдзысты лæвæрттæ. Кæронбæттæны фæнысан кодтой комкоммæ эфирмæ цы фарстатæ æрвыстой цæрджытæ, уыдонмæ уæлдай æргом здæхт кæй цæуы, æмæ сыл æнæмæнг кæй бакусдзысты.