Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд. Боныхъæд кæй аивта, æмæ Гуырдзыстоны `рдыгæй зæйтæ æрцæуынæй тæссаг кæй у, уымæ гæсгæ хаст æрцыд уынаффæ Арвыкомы фæндаг сæхгæныны тыххæй. 9 декабры æмбисæхсæвæй Дзæуджыхъæуæй Уæллæг Ларсы онг фæндагыл ацæуæн нæй транзитон æмæ æндæр хуызы транспортæн. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы, горæты æмæ районты аварион службæтæ цæттæ сты æнæнхъæлæджы уавæрты кусынмæ. Сидынц адæммæ, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Боныхъæды фæстиуджытæ иуварс кæнынц Дзæуджыхъæуы дæр. Æхсæвы цы тыхджын дымгæ рацыди, уый аххосæй Дзанайты Иваны номыл уынджы бæстыхæйттæй иуы сæр ахаста. Уæззау конструкци æрхауд фæндаджы астæумӕ. Йæ быны фесты дыууæ хæдтулгæйы. Фыдбылыз адӕмӕй никӕй бахъыгдæрдта.