Цæгат Ирыстоны скъолатæ ногæй райдайдзысты уроктæ традицион хуызы кæнын. Иумæйаг астæуккаг æмæ уæлдæр ахуырад та уал дарддæр зонындзинæдтæ исдзысты дистанцион хуызы. Ахæм уынаффæ рахастой Оперативон штабы æмбырды.
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло рахаста Иумæйаг паддзахадон экзаменмæ цæттæгæнæн онлайн скъолатæ саразыны фæнд. Уымæй уæлдай ма, рауагъдонтæн саразын лæвар уæлæмхасæн ахуыртæ. Уæдæ ахуырдзауты каникултæ кæй адæргъвæтин сты, уый хорзырæм сахадыдта эпидемиологон уавæрыл. Се`нæниниздзинадæй чи хъаст кæны, уыдоны нымæц 12% онг фæкъаддæр.
Вакцинаци кæныны мадзæлттæ дæр фæфылдæр сты. Æрхæццæ кæны ирон адæмы уарзондæр бæрæгбон Джеоргуыба. Сергей Меняйло бахæс кодта муниципалитетты сæргълæуджытæн адæмимæ бæстондæрæй кусын. Цæмæй низджынты бæрц ма фæфылдæр уа, уый тыххæй бирæгæйттæй ма æмбырд кæной.