Нывкæнынады аивады райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый фæдыл Ногъайты Харитонæн снысан кодтой Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæджы ном. Сæрмагонд указ бафыста Сергей Меняйло. Кадджын лæвар ын радта Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис.
Ногъайты Харитон у Уæрæсейы нывкӕнынады академик. Цæгат Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг, Уæрæсейы нывгæнджыты цæдисы уæнг. Йæ куыстытæ æвæрд сты куыд Уæрæсейы музейты, афтæ хи коллекциты æмæ фæсарæнты дæр. Йæ къухы бафтыд бирӕ равдыстытæ саразын, егъау паддзахадон æмæ æхсæнадон хорзæхтæ, премитæ райсын.