Найти в Дзене
irystontv

Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыдысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысы фонды минæвæрттæ

Ацы сахат Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыдысты цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады рацарæзтæн æххуысы фонды минæвæрттæ. Цæстдарæн Советы сæрдар Сергей Степашин, генералон директор Константин Цицин æмæ генералон директоры хæдивæг Тамирлан Аджиев.

Фыццаджыдæр, уазджытæ бабæрæг кодтой зæдты горæт Беслæны. Дидинджытæ сæвæрдтой хъыджы бæласы цыртдзæвæны цур. Делегаци ма фендзæн Дзæуджыхъæуы Хадарцаты номыл уынджы бирæфатерон хæдзары арæзтад. Федералон проекты фæлгæты дзы фатертæ ратдзысты, кæлæддзаг хæдзæртты чи цæры, уыдонæн.

Сергей Меняйло фембæлдзæн делегацийы уæнгтимæ. Архайдзысты регионы хицауад æмæ муниципалон скондты разамонджытимæ æмбырды дæр. Æрныхас кæндзысты кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны регионалон программæйыл, бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæг æмæ коммуналон инфраструктурæйы модернизацийыл.