Цæгат Ирыстоны скъолаты ног ахуыры азы кадджын мадзæлттæ ацæудзысты 4-æм сентябры. 1-æм, 2-æм æмæ 3-æм сентябры республикæйы цæудзысты хъыгкæнæн мадзæлттæ Беслæны 2004-æм азы террористон акты амæттæгтыл. Республикæйы скъолаты сараздзысты сабырдзинады уроктæ, номарæн мадзæлттæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц дзуапдæттæг министрадæй.
Ацы ахуыры аз республикæйы скъоладзауты нымæц уыдзæн 93 969 ахуырдзауы. Уыдонæй 10 608 – фыццæгæмкъласонтæ. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 600 сывæллоны фылдæр. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, ахуыры процесс арæзт цæудзæн санитарон-æпидемиологон домæнтæ хынцгæйæ, стæй Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæ хынцгæйæ.
Ныридæгæн скъолатæ цæттæ сты сывæллæтты ‘рбацыдмӕ. Ахæм фæткæвæрд скъолаты æххæст кæндзысты ныр дыккаг аз, фæнысан кодта Алыбегты Эллæ.