Найти тему
irystontv

1919 азы 26-æм августы райгуырд зындгонд полярон капитан Кучиты Юрий

Абон 102 азы æххæст кæны зындгонд полярон капитан, ихсæттæн наутæ «Ленин» æмæ «Арктикæ»-йы разамонæг, социалистон фæллойы Хъæбатыр Кучиты Юрийыл. Нæ зындгонд æмзæххон йæ царды 54 азы радта денджызон флотæн. Уыдонæй 40 азмæ æрзылд Цæгатаг ихджын цæугæдæттыл. Йæ ном дунейыл айхъуыст 17-æм августы 1977-æм азы. Уæд, Советон Цæдисы ихсæттæн нау «Арктикæ»-йæн разамынд дæтгæйæ, бахæццæ Цæгатаг полюсмæ. Уый уыд фыццаг ахæм цау денджызон историйы.

Кучиты Юрийы ном ныртæккæ хæссы Дзæуджыхъæуы 27-æм скъола, Горæтгæрон районы иу уынг, Францы-Иосифы зæххы сакъадах стæй газласæг-Танкер, уыимæ ма Коцойты Арсены номыл уынджы Дзæуджыхъæуы легендарон арктикон капитанæн æвæрд æрцыд цыртдзæвæн. Кучиты Юрий йæ цардæй ахицæн 2005 азы.