Ацы аз республикæйы банывыл кæндзысты цалдæр æхсæнадон бынаты, стæй бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ. Куыстытæ конд æрцæудзысты национ проект «Жилье и городская среда»-йы федералон проект «Формирование комфортной городской среды»-йы фæлгæты.
Куыстыты хæрзхъæддзинад, стæй сæ сæххæст кæныны æмгъуыдыл ныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Æмбырды архайджытæ фыццаджыдæр æркастысты зæрдæхсаинаг объекттæм. Уыдонæй иу ис Октябрьское хъæуы. Маяковскийы номыл уынджы 90-æм хæдзары кæрт банывыл кæныны куыстытæ аргъвтой, сæ канализацийы хæтæлтæ сын кæй ивынц, уый тыххæй.
Ныр та сæ фæстæмæ сног кодтой. Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы æхсæнадон бынæттыл дæр. Горькийы æмæ Ватутины номыл уынгты тигъыл цы фæлладуадзæн бынат ис, уым куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Уæдæ августы кæронмæ куыстытæ фæуыдзысты Коцойы фырты номыл уынджы дæр.
Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй фæлладуадзæн бынæттæ арæзт цæуынц адæмæн, æмæ сын хъуамæ хæссой æхцондзинад. Уый тыххæй сыл хъæуы зæрдиагæй бакусын.