Дзæуджыхъæуы сывæллæтты парчы аттракционтæ 10 августæй рæстæгмæ ахæсдзысты Олимпаг паркмæ. Ууыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз. Ахæм уынаффæ рахастой бирæуæладзыгон бæстыхай кæй халдзысты, уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй сывæллæтты парчы цы амалхъом адæм кусы, уыдонимæ сæрмагонд бадзырд бафыстой. 12 уæладзыгон объект халын райдайдзысты 13-æм августæй. Куыстытæ аххæсдзысты дыууæ мæйы. Ныртæккæ сæрмагонд проектмæ кæсын Уæрæсейы техникон цæстдарды специалисттæ. Куыстытæ æххæст кæнгæйæ хæстæг объекттæ æмæ хæдзæрттæ хъæыгдæрд нæ баййафдзысты.
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты парчы аттракционтæ рæстæгмæ ахæсдзысты Олимпаг паркмæ
5 августа 20215 авг 2021
6
~1 мин