Найти тему
irystontv

Цæгат Ирыстоны сæргъы æрлæууынмæ Сергей Меняйлойы кандидатурæ парти «Иугонд Уæрæсе» рахæсдзæн президенты размæ

Цæгат Ирыстоны сæргъы æрлæууынмæ Сергей Меняйлойы кандидатурæ парти «Иугонд Уæрæсе» рахæсдзæн президенты размæ. Уый тыххæй агентад «Тасс»-æн хъусын кæны Федерацийы Советы фыццаг вице-спикер, партийы генералон советы секретарь Андрей Турчак.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Сергей Меняйло политикæйы у æнтыстджын. Уыд президенты æххæстбарджын минæвар Сыбыры федералон зылды ӕмӕ Севастополы губернатор. Бæрнон бынæтты куыста Æфсæддон-денджызон флоты. Андрей Турчак куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæстаг цалдæр мæймæ Сергей Меняйло йæхи равдыста хорз разамонæгæй.