Найти тему
irystontv

Æвзæрстыты рæстæг æдасдзинады фарстаты тыххæй дзырдтой координацион æмбырды

Сентябры æвзарæн кампанийы рæстæг æхсæнадон æдасдзинады фарстатыл æрдзырдтой координацион æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта Сергей Меняйло. Регионы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы фарста ис Уæрæсейы æдасдзинады Советы бæрны.

Хъæлæс кæныны рæстæг мидхъуыддæгты министрады кусджытæ рад хæсдзысты уæлдай къæрцхъусдæрæй. Æдасдзинад хъахъхъæндзысты 2 мин 500 адæймагæй фылдæр. Æвзарæн хайæдтæ æмæ сæ алфамбылай фæзты рад хæсдзысты Уæрæсейы гвардийы дæлхайæдæ. Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй бæстон æркасты тыххæй самал кæндзысты техникон уæлæмхасæн гæрзтæ.

Алы æвзарæн хайад дæр ифтонггонд уыдзæн хъæугæ кусæнгæрзтæй. Æмбырды ма æрдзырдтой республикæйы экологон фарстатыл. Се ‘хсæн Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты хауæццæгтæ æмбырдгæнæнты æвзæр уавæр, ног полигоны арæзтад. Фарстатæ аиуварс кæндзысты æрдз бахъахъхъæныны закъонæвæрдтæ хынцгæйæ. Сергей Меняйло æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрадæн бабар кодта мæйы æмгъуыдмæ дзуапдæттæг ведомствæтимæ æмгуыстады пълан снысан кæнын.