Найти в Дзене
irystontv

Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл тæрхоны уынаффæ рахастой

Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл рахастой тæрхоны уынаффæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы прокуратурæ. Афтæмæй, азымджынтӕй алчи йӕ архайды бӕрц ӕмӕ карзмӕ гӕсгӕ нымад ӕрцыд аххосджыныл. Цомайты Георгий, Шота Майсурадзе æмæ Хохойты Алан ахæстоны фæбаддзысты дæсгай азтæ. Сӕ ахст рӕстӕг ӕрвитдзысты карз уагӕвӕрды колонийы. Ситохаты Сослан ахст уыдзæн 8 азы. Уалыты Владимир æмæ Датиты Ацæмæз ахæстоны фæбаддзысты фæйнæ 2 азы æмæ 6 мæйы. Цъугкиты Азæмæт, Дзампаты Олег æмæ Бузойты Спартак та ахæстоны арвитдзысты фæйнæ æртӕ азы. Бигъаты Аланæн та стæрхон кодтой 4 азы ахст уæвын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2015 азы 1-æм ноябры Цъыккаты Владимир пъæлицæйы хайадæй бахауд рынчындонмæ. Дыккаг бон реанимацийы амард. Цы бартæ сæм хауд, уымæй фылдæр спайда кæнгæйæ, адæймаг кæй фæмард, уый тыххæй азымджын кодтой 10 пъæлицæйаджы.

Цъыккаты Владимиры хъуыддаджы фæдыл рахастой тæрхоны уынаффæ. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы прокуратурæ. Афтæмæй, азымджынтӕй алчи йӕ архайды бӕрц ӕмӕ карзмӕ гӕсгӕ нымад ӕрцыд аххосджыныл.

Цомайты Георгий, Шота Майсурадзе æмæ Хохойты Алан ахæстоны фæбаддзысты дæсгай азтæ. Сӕ ахст рӕстӕг ӕрвитдзысты карз уагӕвӕрды колонийы. Ситохаты Сослан ахст уыдзæн 8 азы. Уалыты Владимир æмæ Датиты Ацæмæз ахæстоны фæбаддзысты фæйнæ 2 азы æмæ 6 мæйы. Цъугкиты Азæмæт, Дзампаты Олег æмæ Бузойты Спартак та ахæстоны арвитдзысты фæйнæ æртӕ азы.

Бигъаты Аланæн та стæрхон кодтой 4 азы ахст уæвын. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2015 азы 1-æм ноябры Цъыккаты Владимир пъæлицæйы хайадæй бахауд рынчындонмæ. Дыккаг бон реанимацийы амард. Цы бартæ сæм хауд, уымæй фылдæр спайда кæнгæйæ, адæймаг кæй фæмард, уый тыххæй азымджын кодтой 10 пъæлицæйаджы.