Уæрæсейы президент Владимир Путин зынгонд нывгæнæг Челæхсаты Магрезы схорзæхджын кодта Кады орденæй. Нæ бæстæйы культурæ æмæ аивадмæ бирæ æзты стыр æвæрæн кæй хæссы, уымæн ын скодта стыр аргъ. Сæрмагонд указ нæ бæстæйы президент бафыста ацы бонты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Челæхсаты Магрез у Уæрæсейы, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны адæмон ныгæнæг, Станиславскийы номыл премийы лауреат.
Владимир Путин Кады орденæй схорзæхджын кодта Челæхсаты Магрезы
26 июля 202126 июл 2021
6
~1 мин