Найти тему
irystontv

75 милуан сомы рахай кæндзысты Беслæны терроризмы ныхмæ æппæтадæмон профилактикон центр байгом кæнынæн

75 милуан сомы рахай кæндзысты Беслæны терроризмы ныхмæ æппæтадæмон профилактикон центр байгом кæнынæн. Сæрмагонд уынаффæ рахаста Уæрæсейы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Æхцайы фæрæзтæ рахай кæндзысты федералон бюджетæй. Уыймæй уæлдай ма Михаил Мишустин транспорты æмæ финансты министрадтæн бабар кодта проект бацæттæ кæнын. Афтæмæй, Беслæны уынгты æмæ фæндæгты рацарæзтæн рахай кæндзысты 80 милуан сомы.