Найти тему
irystontv

6 -18 азы кæуыл цæуы уыцы сывæллæттæн фиддонтæ фыст æрцæудзысты нæ бæстæйы президенты уынаффæмæ гæсгæ

Сывæллæттæ чи хъомыл кæны, уыцы бинонтæм æхцайы фæрæзтæй фæкæсыны бардзырд бафыста нæ бæстæйы президент Владимир Путин. Уый тыххæй майрæмбоны фехъусын кодта Кремлы пресс-службæ. Сывæллæтæ цы бинонты ис, уыдонæн рахай кæндзысты фæйнæ 10 мин сомы, иу хатты фиддоны хуызы.

Уынаффæмæ гæсгæ, æхцайы æххуыс хъуамæ райсой августæй декабры онг. Æхцайы фæрæзтæ фыст æрцæудзысты Уæрæсейы Федерацийы гражданины ном чи хæссы, æмæ, 6 -18 азы цы сывæллæтыл цæуы, уыдоны ныййарджытæй иуæн. Фиддонтæ ма бафиддзысты, 18 – 23-аздзыд фæсивæдæй йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыдонæн. Иу хатты фиддон райсынæн курдиат бадæттыны фадат уыдзæн 1 ноябры кæронмæ Уæрæсейы Пенсион фондмæ.