Найти в Дзене
irystontv

Быроны куыстгæнæг комплекс æмæ нырыккон полигоны арæзтад цæудзæн паддзахад æмæ амалхъомады æмгуыстады бадзырдмæ гæсгæ

Быроны куыстгæнæг комплекс æмæ нырыккон полигоны арæзтад цæудзæн паддзахад æмæ амалхъомады æмгуыстады бадзырдмæ гæсгæ. Уый тыххæй фехъусын кодтой инвестициты фæдыл фыццаг æмбырды. Полигоны инвестицион проект æххæст кæндзæн куыстуат «Эра».

Фембæлды æрныхас кодтой амалхъомад æмæ паддзахады æмгуыстады фарстатыл. Сæрмагонд бадзырды бафысты фæстæ инвесторты фæрæзтæ цæудзысты хъахъхъæд. Уыимæ ма исбонад баззайдзæн паддзахад æмæ муниципалитеты бæрны. Æмгуыстады бадзырдмæ гæсгæ ма снысан кæндзысты тариф. Уый руаджы йын йæ бæрцыл арæх æмæ барвæндонæй не ’фтаудзысты.

Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй æмгуыстады бадзырды æмгъуыд куы фæуа, уæд фидæны объекты инфраструктурæ уыдзæн республикæйы бæрны. Уыимæ ма хицауадæн уыдзæн ивддзинæдтæ бахæссыны фадат дæр.