Найти в Дзене
irystontv

Кæсæг-Балхъары Ероккойы хъæуы скъолайæн радтой авиацийы инæлар-майор Бедойты Русланы ном

Кæсæг-Балхъары Ероккойы хъæуы скъолайæн радтой авиацийы инæлар-майор, не `мзæххон Бедойты Русланы ном. Æфсæддон-уæлдæфон тыхты службæйæн уый йæ цардæй радта 30 азæй фылдæр. Йе `фсæддон фæндаг райдыдта хуымæтæг курсантæй æмæ сси Прикарпатьейы Æфсæддон зылды авиацийы разамонæг. Бедойты Руслан дыууæ хатты æххæст кодта йæ интернационалон хæс. Хъахъхъæдта Йемен æмæ Египеты арæнтæ. Уым равдыста дæсны тæхæджы курдиат, æхсар æмæ лæгдзинад.

Хæстон хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд кадджын ордентæ æмæ майдантæй. Æгæрон æвæрæн Бедойты Руслан бахаста авиаспорты райрæзтмæ нæ республикæйы.Æгæрон тыхæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ, зæрдиагæй архайдта æрыгон фæлтæры раст хъомыладыл. Уыйд Цæгат Ирыстоны ветеранты Советы сæрдары хæдивæг. Бедойты Руслан йæ цардæй ахицæн 2020 азы, 12 майы.