Хуссар Ирыстоны абон æрымысыдысты Зары фæндагыл гуырдзиаг экстремисттæ 1992-æм азы кæй амардтой, уыцы æнаххос цæрджыты нæмттæ. Æбуалгъ цауыл рацыд 29 азы. Ацы трагеди сси ирон адæмы геноциды ирд æмæ тугæрхæм æвдисæн. Æвирхъау фыдракæнд æрцыд 20-æм майы, йæ цæрæнбынатæй чи сыстад æмæ Цæгат Ирыстонмæ мæлæтæй аирвæзынæн чи алыгъд, уыдоныл.
Сæхи бахъахъхъæнынæн хуыздæр цардагур сæ фæндаг акодтой фæсвæд рæттыл. Фæлæ сæ размæ бабадтысты, Хуссар Ирыстоны гуырдзиаг хъæутæй иу Чъехы чи `рбынæттон, уыцы фыдгæнджытæ. Æнаххос адæм: сылгоймæгтæ, сывæллæттæ, зæрæдтæ – Чъребайæ бæргæ сæ сæртæ бафснайдтой, фæлæ сæ адзал Зары фæндагыл æрæййæфта.
Гуырдзиаг экстремисттæ комкоммæ кæй фехстой, уыдонæй бацарæфтыд сты 36 адæймаджы. Хъæды тары йæхи бафæсвæд кæныныл чи бацархайдта, уыдонæй дæр дæсгæйттæ фæцæфтæ сты. Кæй амардтой, уыдонæй æппæты кæстæрыл цыдис æрмæстдæр 11 азы, æппæты хистæрыл та – 76. Цæмæй сæ ном адæмы `хсæнæй ма байсыса, уый тыххæй æбуалгъ цауы бынаты 2007-æм азы байгом кодтой номарæн цыртдзæвæн. Æнæхъæн бон канд йæ цуры нæ, фæлæ æгас Хуссар Ирыстоны дæр цыдысты мысæн мадзæлттæ.