Найти тему
irystontv

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Леонидимæ

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Леонидимæ.

Æрныхас кодтой Аланийыл дзуæрттæ бафтыды 1100 азы сæххæсты бæрæгбонмæ паддзахадон æмвæзадыл бацæттæ кæныныл. Уый тыххæй сæрмагонд уынаффæ рахаста Владимир Путин. Уæлдай æргом раздæхтой Дзӕуджыхъӕуы кафедралон аргъуаны рацарæзты фарстамӕ. Ам пъланмæ гæсгæ ацæудзысты бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Аланийыл дзуæрттæ бафтыды 1100 азы сæххæсты бæрæгбонмæ цæттæгонд цæуынц егъау культурон мадзæлттæ æмæ проекттæ. 2022-æм азы нæ республикæмæ, гæнæн ис, æмæ ссæуа ӕппӕт Уӕрӕсе ӕмӕ Мӕскуыйаг Уацпатриарх Кирилл.