Найти тему
irystontv

Сергей Шойгу разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды архайдта Сергей Меняйло

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло архайдта сæрмагонд æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу.

Дзырдтой регионты æрвылазон æфсæддон-патриотон хъомылады центр саразыныл. Сывæллæтты дзы ахуыр кæндзысты æфсæддон ахуырады къабазы ног технологитыл. Центр хуындзæн «Авангард». Программæ æххæст кæндзысты Уæрæсейы президенты уынаффæмæ гæсгæ.