Помните, как мы публиковали переводы наших новостей на разные языки России? Вот еще один такой перевод.
У самки темноспинного альбатроса Уиздом, которую орнитологи считают самой старой дикой птицей в мире, вылупился новый птенец. По-английски об этом недавно сообщило тихоокеанское отделение Службы охраны рыбных ресурсов и диких животных США.
По-русски написало N + 1. А теперь N + 1 перевело новость на осетинский — текст ниже. По мнению специалистов, за свою семидесятилетнюю жизнь Уиздом вырастила от тридцати до тридцати шести птенцов.
Орнитологтæ дунейы зæронддæр хъæддаг маргъыл кæй нымайынц, уыцы тарчъылдым альбатрос Уиздомæн райгуырд ног лæппын, — уый фехъусын кодта Хъæддаг сырдтæ æмæ кæсаджы ресурстæ хъахъхъæныны службæйæн йæ Сабыр фурды хайад йæ блоджы Medium-ыл. Цы айк æрæфтыдта ноябры кæрон, уый сæттын байдыдта 29 январы, 1 февралы та айчы хъузгæй рахызти ног лæппын. Хæстæгдæр мæйты æрыгон альбатрос йæ хæринаг йæ дыууæ ныййарæгæй исдзæн, июнмæ та йæ систæ фæфидардæр уыдзысты, æмæ сахуыр уыдзæн тæхын. Ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, сыл альбатрос Уиздом йæ царды дæс æмæ æртиссæдз азы дæргъы схъомыл кодта дæс æмæ ссæдз лæппынæй фылдæр.
Гавайаг сакъадæхты цæгат-ныгуылæны ’рдыгæй ис атолл Мидуэй — Сабыр фурды денджызон мæргътæ кæм бирæ кæнынц, ахæм ахсджиагдæр бынæттæй иу. Æрвылаз ардæм æрбатæхынц сæдæгай минтæ тарчъылдым альбатростæ (Phoebastria immutabilis), уыдон йеддæмæ ма саукъах (Ph. nigripes) æмæ урсчъылдым (Ph. albatrus) альбатростæ дæр, алыхуызон крачкæтæ, уадфидиуджытæ, олушæтæ, фрегаттæ æмæ фаэтонтæ.
Æртæ милуаны бæрц у мæргъты нымæц атолл Мидуэйыл, фæлæ се ’хсæн ис иу сæрмагонд маргъ. Уый у номдзыд сыл альбатрос Уиздом (англисагау Wisdom — „куырыхондзинад“), нымад у дунейы иууыл зæронддæр хъæддаг маргъыл. Йæ райгуырды бон ын бæргæ ничи зоны, фæлæ, гæнæн ис, æмæ райгуырди 1951-æм азы, фондз азы фæстæ та орнитолог Чендлер Роббинс (1918-2017) маргъæн йæ цонгыл бакодта сырх къухдарæн, кæцыйыл фыст уыдис Z333. Уиздомыл дыккаг хатт фембæлдысты 2002-æм азы, фыццаг фембæлдæй 46 азы куы рацыдис, уæд. 2006-æм азæй та маргъ Мидуэймæ, зæгъæн ис, æмæ æрвылаз æрбацæуы лæппынтæ уадзынмæ. Кæд æмæ Уиздомыл 70 азæй къаддæр нæ цæуы, уæддæр-иу айк æрæфтауы æмæ йæ лæппынтæм фæзилы.
Фарон Уиздом сакъадахмæ æрхæццæ и дыууын фарæстæм ноябры, тагъд рæстæджы ардзхъахъхъæнджытæ бафиппайдтой, айк кæй æрæфтыдта, уый. Æндæр цалдæр сезоны дæр куыд уыдис, ацы хатт дæр Уиздомы цардæмбал у нæл альбатрос Акеакамаи (гавайаг æвзагæй — «куырыхондзинад уарзæг»). Уиздом æмæ Акеакамаи иумæ зылдысты айкмæ, бадтысты йыл радыгай.
Дыууын фарæстæм январы биологтæ, Уиздомы айк мидæгæй сæттын кæй райдайы, уый бафиппайдтой. Фыццæгæм февралы та хъузгæй рахызти ног лæппын. Иу-цалдæр мæйы дæргъы йæ дыууæ ныййарæджы дæр уымæн хæсдзысты хæринаг, кæсаг æмæ кальмартæ. Æрмæстдæр июлмæ лæппын альбатросæн йæ систæ фаг даргъ суыдзысты, цæмæй тæхын райдайа.
Ахуыргæндты ныфс ис, æмæ Уиздом йæ цардæмбалимæ ацы хатт дæр сæ ног лæппыны схъомыл кæндзысты æнтыстджынæй. Иу кæнæ дыууæ хатты нæ бантысти уыцы хъуыддаг зындгонд маргъæн. Йæ царды мидæг уый схъомыл кодта дæс æмæ ссæдз лæппынæй фылдæр. Уыдонæй сæ иу, кæцы рухсмæ фæзындис 2011-æм азы, 2018-æм азы йæхи ахстон скодта йæ мады ахстонæй цалдæр метры дæрддзæгæн.
Уиздом-иу Мидуэймæ куы æрыздæхы, уæд-иу алы хатт дæр фæуæрæхдæр кæны орнитологты æмбарынад мæргъты царды тыххæй, стæй цы кары онг фæразынц лæппынтæ уадзын, уый тыххæй дæр. Уый йеддæмæ фæныфсджындæр кæны, мæргътæ чи уарзы, æппæт уыцы адæм дунейы алы къуымты дæр.
Денджызон мæргътæй бирæ хуызтæ адæймæгты архайдæй тыхсынц, зæгъæм, кæсаг фырахсынæй æмæ фурд пластикæй чъизи кæнынæй. Арæх-иу Ног Зеландийы ныгуылæн былгæроны цæрæг вестландаг уадфидиуджытæ (Procellaria westlandica) электрон рухсыты тыххæй сæ фæндаг раст нæ сисынц, æмæ-иу уый тыххæй фесæфынц. Стæм мæргътæ бахъахъхъæнынæн цæрæнуат Пунакаикийы царджытæ бадзырдтой, цæмæй æхсæвыгон рухсытæ мауал судзой, уадфидиуджытæн сæ лæппынтæ цалынмæ нæ байрæзой, уæдмæ.
Вячеслав Ивановы тæлмац