1,0×
00:00/00:27
Описание
Танчы командир, хистæр сержант Есенаты Таймуразæн радтой УФ-йы хъæбатыры ном
2 года назад • 1,2K просмотров22 поставили "Нравится"
Æхсардзинад, хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинады тыххæй Украинæйы сæрмагонд операцийы, Уæрæсейы президенты указæй, танчы командир, хистæр сержант Есенаты Таймуразæн радтой Уæрæсейы хъæбатыры ном. Хъайтары «Сыгъзæрин стъалы» йæ ныййарджытæ æмæ бинойнагæн радта хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Цæлыккаты Руслан. Мадзалы архайдта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.Сергей Меняйло фæнысан кодта, æгас Ирыстон сæрыстыр кæй у, сæ фырт, цардæмбал, æфсымæрæй. Нæ республикæйæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй фыццаг у Уæрæсейы хъæбатыры ном кæмæн радтой. Сæрмагонд оперцийы фыццаг бонæй нæ æфсæддонтæ æнтыстджынæй æххæст кæнынц сæ размæ æвæрд хæстæ, æрвылбон хъахъхъæнынц нæ бæстæйы æмæ адæмы сабырдзинад. Арæх сæ цард дæр нæ бавгъау кæнынц. Нæ сæйраг хæс у æфсæддонты бинонты фарсмæ балæууын. Ахсджиаг ма у, цæмæй адæм хъуыды кæной, æфсæддонтæ сæ хæс куыд бæрнонæй æххæст кæнынц, уый. Цæлыккаты Руслан радзырдта хъайтары сгуыхтдзинады тыххæй.
Хистæр сержант Есенаты Таймураз танчы экипажæн разамынд дæтгæйæ йæ къордимæ карз тохы бацыд сæхицæй тыхджындæр знагимæ. Дзуаппон ӕхст кӕнгӕйӕ, ныхмӕлӕууӕджы нӕмгуытӕй хи хъахъхъӕнгӕйӕ, хистӕр сержант Есенаты Таймуразы танк фехӕлдта знаджы дыууӕ ӕндондарӕг хӕдтулгӕйы. Афтӕ ма ныццагъта 30 националисты бӕрц дӕр. Фæлæ тохы мидæг знаджы ракетон комплексæй хистæр сержанты танк æхстытæ баййæфта. Къорды къамандыгӕнӕг йӕ дӕлбар ӕфсӕддонтӕн бардзырд радта, цӕмӕй хӕлд танкӕй сӕхи фӕиппӕрд кӕной ӕмӕ хӕстӕгдӕр къутӕрты бамбӕхсой. Ӕхсӕвы та хъуамӕ сӕхи байстаиккой Уӕрӕсейы ‘фсӕдтырдӕм. Танчы экипаж бынат куы ‘рысгӕрста, уӕд сусӕгӕй рацыдысты хи ‘фсӕдтӕм. Фӕлӕ украинаг националисттӕ сӕ размӕ бабадтысты ӕмӕ се ‘хсӕн хӕст бацайдагъ. Таймураз фӕцӕф, бауадзыг ис ӕмӕ йӕ амынӕты райстой. Ӕрфарсты рӕстӕг-иу ӕй тынг фӕнадтой, фӕлӕ Есены-фыртӕн йӕ дзыхӕй иунӕг ныхас дӕр не схауд. Ницы сын рахъӕр кодта. Йӕ цардӕн кӕд тӕссаг уыд, уӕддӕр йе ‘фсӕддон хӕсыл йӕ къух нӕ систа.