Найти тему
irystontv

10,9 миллиард сомы рахай кодта Уæрæсейы хицауад, цæмæй коронавирусæй рынчынтæн хостæ лæвар дæттой

Цæмæй коронавирусæй рынчынтæн хостæ лæвар дæттой, уый тыххæй Уæрæсейы хицауад регионтæн рахай кодта 11 миллиард сомы чысыл цухæй. Ахæм уынаффæ бафыста нæ бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин.

Владимир Путины бардзырдмæ гæсгæ, æрвылбон бæрæггонд цæуы эпидемиологон уавæр — нырма у уæззау. Уымæ гæсгæ, æппæт стационарты æмæ амбулаториты хъуамæ уа медицинон æххуысæн хъæугæ уавæртæ.

Фæстауæрцы фондæй цы фӕрæзтæ рахай кодтой, уыдоны фæрцы хостæй сифтонг кæндзысты 1,8 милуан адæймагæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма, Уæрæсейы хицауад 5 миллиардæй фылдæр рахай кодта, медицинон туаггуыр цы рынчындæтты нæ фаг кæны, уым цӕмӕй ӕххæстӕй уа, уый тыххæй дæр.