Найти в Дзене
irystontv

Сергей Меняйло фембæлд социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайады разамонæг Айларты Зæлинæимæ

Сергей Меняйло фембæлд социалон фæдзæхстады фонды регионалон хайады разамонæг Айларты Зæлинæимæ. Ныхас цыд, фонд цы социалон программæтыл кусы, уыдоныл.

Стæй, социалон æмæ медицинон кусджытæн фиддонтыл пандемийæйы рæстæг. Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ, уыцы хъуыддагæн фонд æдæпптæй рахай кодта 360 милуан сомæй фылдæр. Медицинон кусджытæн сæрмагонд социалон фиддонты бæрц сси 970 милуан сомæй фылдæр. Ахæм хуызы æххуыс сфидар кодтой 2020 азы ноябры.

Йæ нысан у, коронавирусæй рынчынтимæ цы медиктæ кусынц, уыдонæн баххуыс кæнын. Уыимæ ма, алы мæй дæр фонд рахай кæны 15 милуан сомы, куысты рæстæг йе ‘нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн баййæфта, уыдонæн. Фембæлды кæронбæттæны Сергей Меняйло загъта бузныджы ныхæстæ фонды специалисттæ æмæ разамонæгæн сæ æнтыстджын куысты фæдыл.