Найти тему

Хордзоны рак

Са̀фи æфсæрмыгæнаг у. Мæнæ нымдджын сылгоймаджы агуырдæуы — уæд балы тыгуыруырæд фæкæн, фæллад къухтæй цырагъ айс, æмæ фæлмæцт хусы баулæф: — «Дæттæ Са̀фи — джиппыуагъд нымд!»

Йæ гыццылæй рахаста уыцы миниуæг. Фыды фыд Бобола æрмахуыр тæрхъусы фæзгъæртæй хъацгæйæ уæлнымдæн Са̀фийыл дæр тъæлланг кодта: — «Цы нымдзаст дæ, фæдæгъдджын къутæр, уæлдай комдзаг æнхъæл!»

Афтæ, хъæбултæ. Фыдæлты фарн мæрддæм нæ цæуы!

Рачындзыдзыдæуыд. Фæдджиты Фиудæл — хъæубæсты æмпылддæр. Йæ иу дæндаг фѐссыр, лæгуынтæ зачъе згъуыдтæ хуымау. Гуыбырæй та, гыццыл ма, æмæ къуыппрагъ баййафа. Фæлæ ын нагъ куыд загътаид Сафи, æфсæрмы дзы кодта.

Фиудæл сылгоймаджы узæлд банкъардзæн, уый æнхъæл никуы уыд. Уымæ гæсгæ, æнæнхъæлæджы хъуыддаг бакæнгæйæ, сабийы, сывæллоны цинæй цард.

Алы æхсæв (фылдæр хатт та боныгон дæр) дыстæсчъилæй сурхид уагъта байзæдтаджы цин базоныны охыл. Сафи иу уыцы уысм фырæфсармæй йæхи фынæйхуыз акодта. Суанг ма боныгон бафиппайдта, зæгъгæ, Фиудæл уыцы цотмондагæй æрбацæуы, уæд цы кусы, уый нæ хынцгæйæ, астæрдыл фынæйæфсон æрхауд. Уæлдай баууæндынæн-иу суагъта бæзджын хуыр-хуыр. Æмæ куы цыхт æнæахстæй бампылд, куы сой фынгыл ныххус, куы стауинаг артыл басыгъд. Уыцы æнæфсарм хъуыддæгтæй Сафийы цæсгом арт уагъта.

Бынтон диссаг та уый уыд æмæ сын саби не ‘взæрд. Сафи бынат нал ардта, азым иууыл йæхимæ иста. Уæдæ! Куы йæ уыдта мæгуыр Фиудæл алы изæр йæ быцъынæг куыд тоны.

Бынтон куы стыхст, куы æрæгад Сафи, уæд йæхи фæхъæбæр кодта, æмæ, æппынфæстаг, Фиудæлæн цыдæр ныййардта.

Къорд азы фæстæ комплексон медицинон афæлгæсты рабæрæг Сафи гуырдзæй хуыскъ кæй хæссы. Саби ныййарын ын ницы хуызы уыд.

Афтæ, мæ хъæбултæ! Ахæм тых ис æфсармы, æмæ хуысчъы дæр сывæрджын кæны.

Фиудæл мæрдты ма схъæрзæд, цæрæнбонты ницæмæй батыхсын кодта Сафийы. Мæлæт дæр кадджын уавæры райста. Æстæмты кæрон фæндаджы сæрты куы фæцæйхызт, уæд æй районы фыццаг секретары сау Волгæйы уæлных айсдæуыд.

Тынг фæбузныг Сафи мойагæй — уый дын æгъдауыл мард! Науæд алыхуызон рауайы. Уæртæ Сепарататы Ваниел — телтæ давгæйæ къуырдджын каркыл столбæй рахаудта. Ваниел — бæрзæйсаст! Каркæй-циуæй, марадз-ма зæгъай, иу дæр фæхъæуа. Æдзух сыхæгтæ уыцы къуырддоны кой радавынц, Ваниелы мысгæйæ. Уый дын æлгъаг мард, кæй загъдæуы.

Ныр дæр ма адджынæн æрымысы Сафи мойы зианы бон. Чырынæввахс, уыцы рæсугъд сау зæлдаг кæлмæрзæны Нымды Зæдау куыд æрлæууыд . Уыцы куыдæймард цæстытæм фындзыкæлмæрзæн сдавы, æмæ радон фæрсæгæн фæсус хъæлæсæй дзуапп радты: «— О... «Волгæ»-йы Йæхæдæг бадт.. Æрмæст уыцы дзыхъхъджын фæндаджы аххосæй, æндæр..».

Тыхджын æфсæрмы кодта райкомы фыццаг секретарæй æмæ куыд срæдыдаид, дзæргъы хуызæн расыгæй дыууæ сылимæ обкомы дачæмæ кæй тахт.

Фæлæ, хатгай, фыдфынты æрмарой кæны Сафийыл. Цыма Фиудæл цы хуытыфермæйы куыста, уыйы фаджысдоны фæдæле, æмæ мицъырайы фæхуыдуг. Удаистæй фехъал вæййы Сафи æмæ хъарæг сцæгъды йæ тухæнæй марæг сихыл: — «Цæй хуытыфермæ! Мыдгæсæй куы фæкуыста цæргæ-цæрæнбон!»

Фыдфынтæ арæх райдыдта уынын Сафи. Рæстæгтæ раивгъуыдтой. Йæ бинойнаджы фæсмард нал баззад, йæ цæгатмæ рацыд. Чызг йын ис, фæлæ уый дæр рагæй смой кодта Архангельскмæ.

Цæры йæ цæгаты Сафи. Фырнымд-фырæфсармджын, лæггад кæны æфсымæры бинонтæн, йæ цотæн. Фæлæ диссаг, бинонтæ дæр бынтон æвзæр не сты, Сафи дæр йæ тыхтæй архайы; фæлæ сылгоймаджы алы бавнæлд дæр æнæнывыл, æбæркад.

Хъæрмхуыппыл цæхх кæнынмæ фæрæвдз вæййы; æмæ йыл нырид акондæуыд, фæцæхджын вæййы хойраг. Пъол рахса, æмæ дын йæ хæдфæстæ æфсымæры цот шифанер æрбаскъæфынц; цъыгъгъуытт ногæхсадыл æмæ къахæлвæст, абойтæстыгъд.

Сыхæгты устыты дзыхмæ бахауай, æмæ дын уыдон дæр, фырæгъдауджын архайд дам, цæсты нæ ахады, хъуыддагыл нæу. Уæ, хъæууон гаццатæ, уæ цæсгом та куыд хъæцы уыдæттæм!

Æниу, цыма иу маст маст нал у Сафийæн. Цыдæр æнахуыр рыст ыл сбæндæн. Ноджы дæр ма ахæм… æнæфсарм раны. Æгъдауджын сылгоймаг фæразон у. Сафи та æгъдауджын у. Æмæ йæхиуыл хæцы. Цыппар азы бафæрæзта. Стæй, амал нæй, бинонтæн æнæскойгæнгæ республикайнаг рынчындонмæ араст.

Фæракæс-бакæс æм кодтой. Иу къабинетæй иннæмæ — хатгæ. Цы нæ анализ радта, цы нæ прибор дзы батъыстой, æнæрай сæ фæкæной. Æппынфæстаг хъуыддаг бабæстон кæнынмæ æрхауда иу бакастджын дохтырмæ. Ацæргæ лæг, уæзбынæй æвналы; Сафийы зæрдæмæ фæцыд йæ архайд. Уый фæиртæста рынчыны, æрхынцыдта анализтæ æмæ, фæстагмæ, сындæг æмæ тарæрфыгæй загъта:

— Сусæг кæнай, ма кæнай, мæ хæлар, фæлæ дæм ис хордзоны рак. Æвзæр стадийы...

Тыхст рынчын цы нæ уавæр равдисы ахæм æнамонд хабармæ. Фæлæ Сафийы фæзылд бынтон дисы бафтыда дохтыры.

— Уый та ма... цавæр хордзон у! Ма мæ бабын кæн, дæ благороди, ма мын ныффысс афтæ! Адæмы цæстмæ ма куыд æгъдауæй ракæсдзынæн. Ныффысс мын уыйбæсты "тыхджын гырипп", зæгъгæ!

«Провокатор..», — асхъиудта дохтыры хъуыдыйы. —«Мæнæ ис, цæмæй мæ фæдзæхстой, уый. Ныртæккæ мæ æнæраст диагноз домдзæн. Стæй журналисттæ æрбагæппытæ кæндзысты. Онкологи фæсаууон кæны, фæливы, зæгъдзысты. Æмæ ма уæд бæльницæйы сæргълæууæджы хуыздæр цы хъæуы — фелвасдзæн мæ хайады хицауæй æмæ дзы уыцы ахуырст уадзаг гаццайы авæрдзæн!»

Тыхджын схъæртæ кодта тарст дохтыр Сафийыл, æмæ йæ цыбыр рæстæгмæ феддæдуар кодтой.

Ницанæбæрæг ныфс дзы уыдис дохтыртæн — фæлæ ма загътой, цалынмæ хъом у, уæдæмæ бинонты æхсæн арвитæд. Йе сдзæбæхæй сæхицæн митын мæсгуытæ нæ амадтой. Кризис куы æрцæуа, уæд æнæуый дæр æрчъицдзæн рынчындоны.

Æрмæст ма загъта Сафийæн тæригъæдгæнаг мединцинон хо:

— Къæрмæг дæ бахъæудзæн. Ам дæр дæ федералон программæйы афыссдзысты, фæлæ уыцы къæрмæджытæ... Фæлтау дæхæдæг батыхс немыцаг аналогыл æмæ фыдæбойнаг ма фæуай. Фæлæ дæ бинонты бафæдзæхс. Къæрмæджы рæстæг куы æрцæуа, уæд дæ фæкæсæг хъæудзæн.

Къæрмæджы хабармæ бынтон фæцъиутысайд Сафи. Ныфс ма дзы уыд афтæ сабыр æмæ нæзæгъæйæ æрбамæлын. Æмæ фыр æфсармæй уымæ дæр сарæхстаид. Фæлæ ныр уыцы къæрмæджы хабармæ…

Бынтон дисы та бинонтæ бафтыдысты. Къуыридæргъы Сафи йæхи тынг æнахуыр дары. Куы уаты ныззары, куы чыр-чырæй ныххуды. Раст зæгъгæйæ ахæм цæмæдæрмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Æнæуый дæр сæм Сафи сæрæй бынтон æххæст нæ каст.

Афтæ, мæ хъæбултæ. Ныры æнаккаг дуджы æфсæрмыгæнаг адæймаджы сахъатджыныл нымадæуы!

Афтæмæй уыдæттæ Сафи йæ фыр тыхстæй кодта. Мæнæ та, зæгъгæ, бахаста йæ ныфс хордзоны рачы тыххæй радзурынмæ, æмæ ‘фсымæр, Къуыркъыц, йæ зæрдыл æрлæууы. Уый адыл сылгоймаг фæсонт вæййы; куы ныззары, куы ныххуды.

Къуыркыц тызмæг адæймаг у, бинонтæ дзы æмризæджы ризынц. Зæронды кармæ бацыд, фæлæ ма йæм йæ нæуæджы митæй цыдæртæ æрæфты.

Æрыгонæй фыстæ давта. Дыууæ азы бадгæ дæр акодта æхсæнадæн тасæфтауæг ми расайыны тыххæй; завод «Æрфистæг»-ы фæскомцæдисон чыры рæсугъд сылгоймаг-секретарæн расыгæй тыхми скæнынæввонгæй конвейерон линийы фæткдæттæг уарт ныппырх кодта.

Цæдисы фехæлды фæстæ, фарæстæмты, рекеты хъуыддæгтæм дæр ныхылдта. Фæлæ æцæг бирæгъ кæм уыд! Афтæ, бирæгъты фæсфист зилæг. Æмæ иу рæстæг йæ бал æндæр балæй дæрæн куы баййæфта, уæд æм амарынмæ дæр нал барвæссыдысты. Æрмæст æй хъæды къутæрджынмæ акодтой дыууæ æрдæгтрадицион фыдгулы, æмæ йын уым... цæй, Сафийы æфсармæй йæ нал зæгъæм. Æрмæст уый фæстæ Къуыркъыцы цыд фæкъуылыхæй-фæхæбæццмæ сайын райдыдта.

Ницы ис баззад ныры рæстæгмæ КЪуыркъыцæн йæ зæронд фыдуæгтæй. Кæмдæр ма йын, тыхтæй æмæ амæлттæй, фæсаууоны аирвæзт иу агуыридур уадзæн тæрх. Ныр уымæй цæры Къуыркъыц — æрвылрайсом йæ итувæрд плис хæлаф урс-урсид хæдонæй сфæлынды, сæрыл æркæны фетр худ, йæ цæстытыл тар хурхизæн кæсæнцæстытæ. Бабады маршруткæйы æмæ куыстмæ араст вæййы.

Кæмæйдæр бар ракуырдта æмæ станок зонгæйы цехы æрæвæрдта. Тæрхæй гыццыл дæрддзæф, рыгæй хъахъхъæд раны, Къуыркъыцæн бандон. Ууыл паддзахбадт скæнгæйæ фæкæсы, кусæг станоккæй уымæл агуыридуртæ куыд исы, æмæ сæ поддоныл, хус кæнынмæ, куыд æрцамайы.

Бæллæх уый мидæг ис æмæ Къуыркыцы тæрх агуыридур фыцгæ нæ кæны. Тыхджын æлхъивгæйæ йæ джиппы уадзы æмæ цалынмæ нæ бахус уа, уæдмæ лæмæгъ æййафы.

Ахæм уавæры кусæджы гыццыл йæ бавналд фæсайдта, уæд агуыридуры тигъ къæртт аппары, фæсахъат вæййы. Уымæ дын Къуыркыц фемдзаст уа; фæтæррæст ласы, æмæ кусæджы мад-фыды йæхи сексуалон тыхтыл æфтаугæйæ, загъд-замана саразы. Иу æмæ дыууæ хатты уый аххосæй не ‘руад Къуыркъыцыл тыхджын над — кусджытæ фылдæр æууæрст адæм сты. Къуыркъыц та, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр, зæронд бынмиз плисæй хæлæфты.

Фæлæ йæм уæддæр амонд бахудт, уал къуыхцыйы фæстæ фæхæст аккаг кусæгыл. Мирабѐл цавæрдæр æдыхст адæймаг разынд. Кæддæр героин хуынкъ кодта, ныр та йеговисттæм бахауд. Æппæт уыдæттæ йын йе уæнгты бауагътой цавæрдæр æнцойады æмæ æвæлмасы æртæхтæ. Къуыркъыц, зæгъгæ, æлгъитынмæ февнæлдта, уæд Мирабел, бæстон æмæ сабырæй архайгæйæ, бауыромы станок, слæууы йæ цуры æмæ тамако ссудзы. Æрдæгмæ йæ куы бадымы уæд Къуыркыц дæр, уæззау улæфгæйæ, æрфæтъæн вæййы.

Тамакойы дымд æмæ запойты ацыд — уыцы хъæндзинæдтæ ма нæ уадзынц Мирабелы Йеговайы дыргъдæттæм. Фæлæ уæддæр йæ ахуырыл фидар хæцы. Дыууæ мæйы иу хатт къуыридæргъæн запойы ма ныххауа, уымæн уæвæн нæй. Уæд дын Къуыркыц бынат ары? Ныр дæр та Мирабел къайфыты ис, æмæ Къуыркъыц хæдзары схост æмæ æлгъыстæй архайы, цæхæр калы — йæ размæ ма бахау. Ныр ахæм уавæры фырымд Сафи хордзоны рачы тыххæй куыд зæгъа?!

Йæ цæстытыл ауайы, мæнæ æфсымæрмæ сыдз-мыдзты цæугæйæ бахæстæг вæййы, æмæ æнгуылдзæй амонгæйæ сдзуры: — «Хæдæгай, мæнæ ам та мын йеды рак ис.. мæнæ йеды..»

— «Цæй рак?!» — тызмæгæй фестæлфы Къуыркъыц

— «Хордзоны рак!!» —, фæтъæлланг кæны йæхинымæр Сафи, æмæ та, фыртыхстæй, уаты хъæрæй ныххуды. Æрыхъусынц йæм бинонтæ æмæ тарстхуызæй кæрæдзимæ фемдзаст вæййынц.

Уды тыхст фенцондæр кæнынæн рафæлдахы уæд æнæуæндаг ус йæ мæрддзыгойы чумæданчик. Уым æмбырд кæны алыхуызон кæлмæрзæнтæ, хисæрфæнтæ, зæлдаг къухмæрзæнтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Йæ зианы бирæ кæндты лæггадгæнаг æфсинтыл байуарын цы ‘мбæлдзæн, æппæт уыдæттæ.

Ма зæгъат æмæ рачы хъуыддаг базонгæйæ райдыдта дзаумадон æмбырд кæнын! Сафи æгъдауджын у, зæронд хуыссæйæ. Зианджыны тагъд æххуысы чумæдан дæр раст йæ чындзæхсæвы фæстæ рафистæг кодта. Мæнæ ныр дæр сисы иу целлофаны аив тыхт дзаума иннæйы фæдыл, æмæ йæ тыхст къаддæрæй-къаддæр кæны. Уæллæй, мæлæт æдзæттæйæ не ссардзæн, нæ фæхудинаг кæндзæн.. Фæлæуу-ма, кæй нæ фæхудинаг кæндзæн?!

Æваст, чумæданы къуымы æрысгæрста уыцы æнæхайы авджы флакон. 1976-æмы уагъд шипр, уагъылыйы нывимæ! Гом никуы уыдис, фæлæ, авг æмæ пластмасс нæ хынцгæйæ, ахæм смаг кодта, цыма адæймаджы фæдзæхста: «Байгом мæ кæн, æмæ дæ балгъитæг афтæ!»

Йæ удхæссæг уыдта уыцы смагæй Сафи, чумæданы æвæрд дзаумæттæ дæр æмтгæй уыцы тæф скодтой. Йе ‘фсин Кушеткайы лæвар. Дæс æмæ йæ ссæдз азы размæ, мæлгæ-мæлын, йæ чындзæн балæвар кодта. Æмæ йын бафæдзæхста, цæмæй Сафийы рад куы æрцæуа æцæг бæстæм, уæд ын цæмæй йæ чырыны къуымтæ ацы шипрæй бапырх кæной.

— Цæстæй хорз нал уынын, æмæ дæ мæрдты бæсты шипры тæфæй ардзынæн, — загъта ма зæронд ус æмæ уайтагъд йæ хъихъхъ фæцыд.

Бæргæ нæ фæндыд Сафийы мæрдты бæсты уагъылыджын шипры смаг кæнын. Æрмæст Кушеткæйæ æфсæрмы кодта, духи хъахъхъæдта. Фæлæ ныр, уыцы тыхст-уырыдæй, цыдæр ныцъцъыкк кодта йæ сæры æмæ авг бæрзонд фæхæссгæйæ зæххыл ныццæхх кодта. Улæфæнтæ æхгæнгæ уат байдзаг бæзджын смагæй.

— Æнæхайыры æфсæрмы ныббадт мæ хордзоны! — фæтъæпп кодта сылгоймаг æмæ ныххудт.

Уыйхыгъд Сафийы сæрмæ æрцыд, цы бакæнын чындæуы цæмæй уылæфæнтæ æхгæнæг æфсæрмыйæ фервæза æмæ бинонтæн хордзоны рачы тыххæй радзура.

Куыри фæстæ Къыркъыц юбиле бæрæг кæны. Зæронд сæлавырыл 65 азы сæххæст уыдзæн. Фырбуцæн бинонтæ, æнæуый хойраг-нуазинаг йедтæмæ, раны бафæдзæхстой диссаджы тъорт. Дæргъдымбыл, æххæстæй дæр къремæй фæлыст, йæ астæу егъау 65 цифрæ амынд. Уымæй уæлдай ма дзы Къыркъыцы æмæ агуридур уадзæн тæрхы марципанæй арæзт чысыл хуызтæ.

Сафи скарста; «—Куыддæр тъорт æрæвæрой, афтæ цæстыфæныкъуылдмæ фынгмæ стæхдзынæн, мæ ибкæ фæхъил кæндзынæн, æмæ адджинагыл бæзджын æрæвæрдзынæн! Фервæздзынæн удхайраг æфсæрмыйæ дæр, æмæ ма хордзоны рачы хъуыддаг дæр раргом уыдзæн.»

Сафи, куыд загъдæуы, дыууæ тæрхъусы иу цавдæй мардта. Фæлæ фæкъуылымпы? Уайтагъд куы нæ райдайа æвæрын, уæд æй, чи зоны, æмæ фынгæй æрдавой.

Атыхст Сафи, фæлæ уымæн дæр саккаг кодта. Скарста: — «Гуырæнбонмæ къуыри хъæуы, æмæ уæдмæ уазæгдонмæ — нал! Æмæ хъæугæ уысмы сахайау баскуыхдзынæн.»

Фæразон у Сафи. Хæры, фæлæ нæ цæуы. Хæргæ та фыдхæрд — фæткъуыйæ фæлхæр нал уадзы. Хынцы æмæ æхцонæй фиппайы; йæ æрхъуыды бонæй-бон тых æфтауы.

Къуырийы дæргъы хæцы йæхиуыл. Æппæты зын гуырæнбоны хæдраз бон базынд. Бон дæр нæ, фæлæ æхсæв. Хуыйы фыдæй фæлвых æхсæвæрæй афтæ бахордта æмæ уайтæккæ атонынæй фæтарст. Бахæццæ сынтæгмæ æмæ цингæнгæйæ ахъуыды кодта йæ райсомы сæххæстыл.

Тыхсы. Хæцы йæхиуыл, хъæццулы быны дур фæзмы. Афынæй. Æнæнцой фынтæ. Фæстагмæ та Фиудæл йæ цæстытыл уайы — мæнæ та хуытыфермæйы канализацийы смидæг. Ныгъуылы, фæлæ, диссагæн ацы хатт цыма раирвæздзæн? Мæнæ тыхджын тилы йæ къухтæ, мицъыраамæст ком пъæрайы æмвæзæй фæуæлдæр æмæ суылæфынхъом. Цин кæны Сафи — раирвæздзæн ацы хатт!

Фæлæ дын цыдæр æнамондæн уæлейæ сæх-сæхæй куы æркæлид! Æвæццæгæн, исчи ауадзæн фегом кодта? Цы ма фæуа Фиудæл? Йæ уавæр цæхгæр февзæрдæр. Тыхæй архайы, фæлæ фæдæ̀лæмвæ̀з вæййы. Стыдта ма йæхи иу хатт æмæ хъæр кæны Сафимæ:

«— Гыццыл ма фæхæц дæхиуыл! Иу гыццыл ма!»

Фехъал Сафи, фембæрста хъуыддаг.

— Гыццыл ма! — ныцъцъæгъгъаст кодта, æмæ цы тыхархайдæй фесгуыхт, уымæй йæ зæрдæ ныггуыпп кодта, æрбаскъуыд.

Æрбатахтысты ма бинонтæй фынæйæ къæрцхъусдæртæ. Фæлæ ма цы.

Сæуæхсид æнгузты цъуппытыл куы схæцыд, раст уыцы рæстæг рахызт Сафийы уатæй сидт фелсыр.

— Цы кодта, цы?! — тарстæй ма йæ афарстой бинонтæ.

Фелсыр, хæдзары къæсæрыл фæуыромгæ, загъта:

— Фырæфсармæй йæ лæх йæ сыдзы ныссагъд!

Уымæ бахатынæввонгæй айтыгъта йæ æрмттæ Сафи. Фæлæ ног уавæры уымæн гæнæн нал уыд.

Фæлурс бæстæйы аивта йæ сывæллоны хæрвмæ æмæ æрхатыд, æппындæр æфсæрмы кæй нал кæны.

Æрттиваг цады былгæрон задысты сыгъзæрин залгъæдтæ. Уыдоны æхсидмæ Сафи атындзыдта рæузæрдæйæ.

«Бæстæ уыд сабыр, æмæ цæрæгджын зæхх æнцойаг рухс æрвыста дун-дунемæ».